Уый загъта: «Ма ’рбацу нæхимæ, мæ фыд тынг æхсайгæзæрдæ у».
Загътон ын: «Ракæндзынæн дæ, уый куы нæма зондзæн, афтæ. Мæ кард у сæрдасæнæй цыргъдæр».
Уый загъта: «Гæнах у не ’хсæн».
Загътон ын: «Мæ тырыса гæнахы сæрмæ пæр-пæр кæндзæн».
Уый загъта: «Фурд ис не ’хсæн».
Загътон ын: «Дæн дæсны ленкгæнæг».
Уый загъта: «Мæ авд æфсымæры хъахъхъæнынц мæ».
Загътон ын: «Уыдон æмдых дæн».
Уый загъта: «Аллах нæм кæсы».
Загътон ын: «Мæ Хицау у Хатырджын æмæ Тæригъæдгæнаг».
Уый загъта: «Дзырдтæ мæм нал ис. Æрбацу-иу ахсæв, иууылдæр сæ фынты куы ленчытæ кæной, уæд. Æмæ мыл æрхау сæууон æртæхау, æвæлмонæй».
Ваддах аль-Йемени, англисаг тæлмацæй ратæлмац кодтон æз; Кудзаты Аслан тексты цалдæр рæдыды ссардта, æмæ йæ иттæг бузныг дæн.
А перевести Вы не могли бы? :)
Английский текст, с которого переводили, тут:
http://en.wikipedia.org/wiki/Waddah_al-Yaman
She said: «Don’t come to our home, my father is deadly jealous.»
I said: «I’ll pluck you before he knows it, my sword is razor sharp.»
и т. д.